ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой транспорты алы хуызтӕн дӕр майрӕмбоны 10:00 сахатӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Трассӕ сӕхгӕдтой цыппӕрӕмы дурты ӕркалд ӕмӕ цъыфы зӕйты ӕрцыды тыххӕй.
"Транскавказаг автомагистраль 11 апрелы 10.00 сахатӕй кусы штатон режимы ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.