Хуссар Иры скъоладзаутæ Куадзæнмæ баулæфдзысты дыууæ боны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны скъоладзаутæ Куадзæнмæ улæфдзысты дыууæ боны – 20 æмæ 21 апрелы, фехъусын кодта Sputnik-æн ахуырад æмæ зонады министрады пресс-службæйы кусæг Хъодалаты Дзерассæ.
"Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдæтты 21 апрель у улæфт бон Куадзæны бæрæгбоны тыххæй. Сабаты, 19 апрелы, скъолатæ кусдзысты. Скъоладзаутæ рахиздзысты ахуырмæ дыццæджы, 22 апрелы", - загъта пресс-службæйы кусæг.
Уый размæ президент Гаглойты Алан бафыста барамынд, цæмæй 21 апрелы уа улæфт бон Куадзæны бæрæгбоны тыххæй.