ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсемӕ базайрӕгты экспорт ивгъуыд аз 12 проценты бӕрц фӕфылдӕр 2023 азмӕ абаргӕйӕ, фехъусын кодта республикӕйы базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Таймураз Гогинов.
"Абоны уавӕрты уый у хорз динамикӕ. Уый у тынг ахсджиаг Хуссар Ирыстонӕн ӕмӕ ӕвдисы, республикӕйы хицауад ӕмӕ бизнес-ӕхсӕнад эффективон иумӕйаг куыст кӕй кӕнынц", - фехъусын кодта Таймураз Гогинов Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсемӕ экспорт дарддӕр фылдӕр кӕндзӕн ацы аз дӕр.