Хуссар Иры спортсментӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы чемпионаты ММА-йӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны командӕ хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты ММА-Free Fighting-ӕй Кисловодскы. Уый тыххӕй фехъусын кодта спортсменты тренер Уалыты Вахтанг.
Ерыстӕ райдайдзысты 18 апрелы.
"Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты фондз спортсмены. Ерысты хайад райсдзысты дунейы чемпион Дзабиты Марат, ӕхсӕнадӕмон къласы спорты мастер Куымӕридтаты Георгий, спорты мастер Хъотайты Давид, Уӕрӕсейы чемпионтӕ Галуанты Арсен ӕмӕ Зассеты Тамерлан", - радзырдта Уалыты Вахтанг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерыстӕ уыдзысты ӕвзарӕн этап дунейы чемпионатмӕ Мӕскуыйы.