Хуссар Ирыстоны ацæудзæн I Æхсæнадæмон форум

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik. Президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Хуссар Ирыстоны I Æхсæнадæмон форум ауадзыны тыххæй. Уый ахъаз кæндзæн фæсарæйнаг партнертимæ экономикон æмгуыстадæн, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Форум бацæттæ кæныны охыл арæзт æрцыд Организацион комитет. Йæ сæргъы слæууыд Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Гогинов Таймураз. Бахæс ын кодтой мæйы мгъуыдмæ, комитеты сконды чи уыдзæн, уыдоны кандидатурæтæ раразмæ кæнын æмæ форумы мадзæлтты план сфидар кæнын.
Республикæйы хицауады раз сæвæрдæуыд президенты барамындмæ гæсгæ Æхсæнадæмон форум барæвдз кæныны хæс.