The Telegraph раргом кодта Украинæйы конфликт ахицæн кæныны фæдыл АИШ-ы план

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik. Украинæйы конфликт ахицæн кæныны фæдыл Америкæйы Иугонд Штаттæ цы план бацæттæ кодтой, уым Киевы æдасдзинады гарантитæ нæй, хъусын кæны The Telegraph.
Газет куыд фыссы, афтæмæй документы ис хицæн пункттæ хæстон архайд æвæстиатæй æрлæууын кæныны, Уæрæсе æмæ Украинæйы ’хсæн комкоммæ баныхæстæ саразыны тыххæй, афтæ ма америкæйаг компаниты Украинæйы æрдзон ресурстæм бауадзыны тыххæй.
Планмæ гæсгæ Америкæйы Иугонд Штаттæ официалон æгъдауæй нымайынц Хъырым Уæрæсейы хайыл, уый хауы æндæр терроритæм дæр.