ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik. Уæлахизы 80 азы бонмæ Цæгат Ирыстоны ацыдис турнир дзюдойæ. Уым хорз æнтыст уыд хуссарирыстойнаг спортсменкæтæн, хъусын кæны республикæйы фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæ.
Ерысты бацархайдтой цалдæр регионы минæвæрттæ. Нæ дзюдоисткæтæ рамбылдтой цыппар æвзист майданы.
Сæ уæзы категориты дыккаг бынæттæ бацахстой Джиоты Дана, Биазырты Линда, Тедеты Арианна æмæ Багаты Мæдинæ.