ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Националон банчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан радзырдта президент Гаглойты Аланӕн банкон секторы архайды тыххӕй 2024 азы.
РХИ президенты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕрбавдисгӕ хыгъдлӕвӕрд рахӕсдзысты парламенты сессимӕ профилон комитет ӕмӕ йӕм президиум куы ӕркӕсой, уӕд.
Ивгъуыд азы сӕйраг цау уыд "Алайнаг инвестицион банк"-ы баконд. Банк ныридӕгӕн райдыдта дӕттын кредиттӕ.
Бекъойты Сослан ма бахахх кодта, кӕй фӕкъаддӕр ис кредитон къабазы хӕсы суммӕ фӕстаг ӕртӕ азы дӕргъы, уый баст у Сбербанчы эффективон куыстыл.
Афтӕ ма Республикӕ Хуссар Ирыстон расидыны бонмӕ Националон банк фӕнд кӕны рауадзын 100 зӕрины номиналы банкнотӕ.