ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд Паддзахадон Думӕйы депутат, центр "Воин"-ы разамонӕг Виктор Водолацкиимӕ ӕмӕ Ӕппӕтуӕрӕсейаг сывӕллӕтты центр "Орленок"-ы директор Александр Джеусимӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.
Уӕрӕсейаг делегаци ӕрцыд республикӕмӕ Дзауы районы сывӕллӕтты лагеры комплексон басгӕрстмӕ.
"Махӕн ахсджиаг у, кӕй ӕрцыдыстут Хуссар Ирыстонмӕ ахӕм нысаниуӕгджын бӕрӕгбон – Уӕлахизы боны размӕ. Алыхатт дӕр уӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ республикӕмӕ", - загъта Гаглойты Алан.
Гаглойты Алан ӕрдзырдта уӕрӕсейаг делегациимӕ Дзауы районы сывӕллӕтты лагеры тыххӕй
© Photo : Пресс-служба президента РЮО
Виктор Водолацкий бузныг загъта президентӕн хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны активон куыст кӕй райдайдзӕн сывӕллӕтты улӕфт ӕмӕ ахуырады рӕзты фӕдыл.
"Фӕнды нӕ, цӕмӕй республикӕйы лагерь уа ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ дзы цӕуой сывӕллӕттӕ алыгъуызон регионтӕй. Уый уыдзӕн хорз фӕлтӕрддзинад ӕвзонг паддзахадӕн", - банысан кодта Водолацкий.
Сывӕллӕтты лагерь арӕзт цӕуы уӕрӕсейаг финансон ӕххуысӕй Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Объектӕн хицӕнгонд ӕрцыд 240 млн сомӕй фылдӕр.
Гаглойты Алан ӕрдзырдта уӕрӕсейаг делегациимӕ Дзауы районы сывӕллӕтты лагеры тыххӕй
© Photo : Пресс-служба президента РЮО