Цхинвалмæ бацæуæны сфæлдæхт хæдтулгæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik. Цхинвал-Знауыр автофæндаджы фыццаг километры æрцыд фæндагон-транспортон цау.
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады развæлгъау информацимæ гæсгæ, ВАЗ 2106 хæдтулгæйы 19-аздзыд шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ уый фæстиуæгæн автотранспорт сфæлдæхт.
Шофыры бакодтой рынчындонмæ.