ЦХИНВАЛ, 7 мая – Sputnik. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хореографион ансамбль "Фидæн" бацархайдта "Сфæлдыстады Олимпы", зæгъгæ, ахæм номимæ фестиваль-конкурсы Сочийы æмæ ссис I æмæ II къæпхæны лауреат. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады пресс-службæ.
Республикæйы адæмон артисткæ Хуыгаты Олесяйы разамындæй архайæг коллектив равдыста дыууæ номыры: "Симд" æмæ "Хъазæн кафт". Сæ хореографион дæсныйадæн сын стыр аргъ кæй скодтой, уымæй уæлдай "Фидæн"-æн саккаг кодтой дипломтæ "Хуыздæр дарæсы" æмæ "Адæмон æгъдæуттæ хъахъхъæнынмæ æмæ сæ популяризацимæ хайбавæрды" тыххæй.