Хуссар Ирыстоны фæсчъылдымы ветерантæн скодтой лæвæрттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 мая – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Уæлахизы 80 азы кадæн фæсчъылдымы архайджытæн бахастой лæвæрттæ. Акци сарæзтой уæрæсейаг æхсæнадон организаци "Адæмон фронт" æмæ Цхинвалы Уырыссаг хæдзар. Дыууæ организацийы минæвæрттæ бабæрæг кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæсчъылдымы чи фæллой кодта, уыдоны æмæ сын скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Мадзалы бацархайдтой республикæйы парламенты сæрдары хæдивæг Тадтаты Таймураз æмæ Национ музейы директор Зассеты Мераб дæр. Бузныг зæгъыны охыл фæуазæг сты 20 ветеранмæ Цхинвалы æмæ Знауыры районы.
Уый размæ "Адæмон фронт" Хуссар Ирыстонмæ фæхæццæ кодта Æнæном салдаты ингæнæй Æнусон арты цæхæр.