ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ссардтой хӕстӕрмӕджыты егъау арсенал Цхинвал-Зар фӕндаджы цур хъӕды, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Специалисттӕ сбӕрӕг кодтой, ссарӕггӕгтӕ кӕй сты: РПГ-26 "Муха"-йы танкты ныхмӕ реактивон гранатӕтӕ (5 иуӕджы), РПГ-7 танкты ныхмӕ гранатӕтӕ (7 иуӕджы) ӕмӕ танкты ныхмӕ гранатӕ хӕстон уавӕрты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Нысангонд ӕрцыд, хӕстӕрмӕджыты арсенал кӕй аласдзысты полигонмӕ, цӕмӕй йӕ скуынӕг кӕной.