Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕвы скуынӕг кодтой 12 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 май — Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 12 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы территорийыл, фехъусын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.
"Ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 12 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Нысангонд ӕрцыд, фараст ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты кӕй ӕрыппӕрстой Сау денджызы акваторийы, ӕртӕ та – Белогороды областы территорийыл.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Миролюбовка ДАР-ы