Хуссар Иры сцалцӕг кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Хъайтарты мемориал

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хъемултайы хъӕуы фӕцис Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты зынгхуыст хъайтартӕн нывонд мемориалон комплексы реставраци. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодтой хъӕуы администрацийы.
Мемориалон комплексы ис Советон Цӕдисы фыццаг Хъайтар Хуссар Ирыстонӕй – Остъаты Алексейы бюст, афтӕ ма номарӕн плитӕ хъӕуы 48 цӕрӕджы нӕмттимӕ – уыдон нал ӕрыздӕхтысты фронтӕй.
"Мемориалон комплекс сарӕзтой хъӕуы цӕрджытӕ аст азы размӕ. Остъаты Алексей у нӕ хъӕуккаг, Советон Цӕдисы фыццаг Хъайтар Ирыстонӕй. Мах асъкуыддзаг кодтам сӕнусон кӕнын хъайтарты нӕмттӕ", - радзырдта хъӕуы администрацийы минӕвар Остъаты Тамаз.
Мемориалон комплексы реставраци сарӕзтой Уӕлахизы 80 азы юбилеймӕ.