ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕдты къорд "Центр"-ы хӕстонтӕ ссӕрибар кодтой Новая Полтавка Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР), фехъусын кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады.
"Уӕрӕсейы ӕфсӕдты къорд "Центр"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты руаджы ссӕрибар кодтой Новая Полтавка Донецкы Адӕмон Республикӕйы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
"Центр"-ы хӕстонтӕ иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой знаджы 400 ӕфсӕддоны, авд хӕстон бронемашинӕйы, дыууӕ пикапы ӕмӕ ӕртӕ артиллерион хӕцӕнгарзы.