ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны стенд скуыста Кавказы инвестицион форумы.
"Хуссар Ирыстон æртыккаг хатт хайад исы ацы форумы. Мах ацы фæзуаты фехъусын кæнæм нæ ног проектты тыххæй, афтæ ма радзурæм Хуссар Ирыстоны цы проекттæ среализаци кодтам, уыдæтты тыххæй", - хъусын кæны РИА Новости Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогиновы ныхæстæ.
Хуссар Ирыстон йæ стендыл бавдыста дургуысты завод "Аланский камень"-ы продукци, афтæ ма "Бæрзондхæххон Хъелы бæгæныфыцæн", сæн æмæ минералон доны заводты продукци.
"Нæ сæйраг хъæппæрис – мах хъусын кæнæм, Хуссар Ирыстоны кæй ацæудзæн фыццаг æхсæнадæмон инвестицион форум 18-20 сентябры", - бафтыдта Гогинов.
Кавказы инвестицион форум цæуы 25-йæ 27-æм маймæ Минводты.