МХМ сног кодта уæрæсейаг шофырты бардæттæг гæххæттытæ ивыны фæдыл куысты график

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Уæрæсейаг шофырты бардæттæг гæххæттытæ ивыны процедурæ уагъд цæудзæн къуырисæрæй сабатмæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Паддзахадон автоинспекци хъусын кæны æмбæстæгтæн, уæрæсейаг шофырты бардæттæг гæххæттытæ кæй ивдзысты къуырисæрæй сабатмæ, улæфт бон уыдзæн хуыцаубон", - дзырдæуы хъусинаджы.
МХМ банысан кодтой, къуырисæрæй майрæмбонмæ исæн пункт кæй кусдзæн 18.00-æй 19.00 сахаты онг, сабаты та – 09.00-æй 13.00 сахаты онг.