ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Уæрæсе дарддæр фидар кæндзæн экономикон æмæ гуманитарон бастдзинæдтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ. Уый тыххæй Sputnik-ы видеохиды рæстæджы фехъусын кодта Паддзахадон думæйы депутат, ХПÆ хъуыддæгтæ, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинады фæдыл комитеты разамонæджы хæдивæг Артем Туров.
"Нæ бæстæтæ иумæйагæй алцыдæр аразынц, цæмæй дыууæ республикæйы цæрджытæ пайда кæной æнæмæнгхъæугæ лæггæдтæй. Æппæт æхсæнхицауадон бадзырдты нысан у æххуыс кæнын Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæн", - загъта депутат.
Туров ма бафтыдта, зæгъгæ, йæ цæст нæ дардта Гуырдзыстоны реакцимæ дывæр æмбæстагады фæдыл Владимир Путины барамындмæ æмæ бахахх кодта, Мæскуыйæн приоритеты кæй сты Цхинвал æмæ Сухум.
Дывæр æмбæстагады фæдыл бадзырд бафыстæуыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн 2021 азы.