Хуссар Иры цӕрджытӕм ацы къуыри ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы, 29 майы, нысан кӕндзысты Хӕдбардзинад расидыны бон, уый фӕдыл республикӕйы цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ.
Бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ улӕфдзысты цыппӕрӕмӕй хуыцаубонмӕ – 29 майӕ 1 июны онг.
Хуссар Ирыстоны иууыл сӕйрагдӕр документтӕй иу - Хӕдбардзинад расидыны Акт - райста республикӕйы Уӕлдӕр совет 1992 азы 29 майы. Президенты барамындмӕ гӕсгӕ, ацы датӕ бахастой Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ.