Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 99 дроны Уӕрӕсейы территорийыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 99 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы территорийыл, хъусын кӕны Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 99 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы территорийыл, уыдонӕй 56 – Белгороды областы, 25 – Воронежы областы, авд дроны ӕрыппӕрстой Владимиры областы, фондз – Калугайы областы, цыппар ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты скуынӕг кодтой Тулайы областы ӕмӕ фӕйнӕ дроны та ӕрыппӕрстой Ростовы ӕмӕ Липецкы областты", - дзырдӕуы хъусинаджы.