Хуссар Иры ӕрцахстой Цхинвалы 22-аздзыд цӕрӕджы хӕцӕнгарз ӕвӕрыны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik. Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой хӕцӕнгарз ӕнӕзакъонӕй ӕвӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Цхинвалы 22-аздзыд цӕрӕджы ӕрцахстой криминалон милицийы уголовон фӕдагуырды фӕткдаруаты кусджытӕ сӕ коллегӕтимӕ Цхинвалы ӕмӕ Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайадты кусджытимӕ Принеуы хъӕуы цур хъӕды.
"Басгӕрсты рӕстӕджы йӕм ссардтой Калашниковы автомат ӕмӕ 5,45 калибры 30 нӕмыджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ныртӕккӕ нӕлгоймаджы бакодтой МХМ рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ.