Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 296 украинӕйаг дроны Уӕрӕсейы территорийыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы скуынӕг кодтой 296 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы регионты, фехъусын кодта ӕртыццӕджы УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы Уӕрӕсейы Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 296 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕфсӕддон уагдоны банысан кодтой, дронтӕ кӕй скуынӕг кодтой Мӕскуыйы регионы, Брянскы, Белгороды, Владимиры, Воронежы, Ивановайы, Калугайы, Курскы, Орелы, Рязаны, Смоленскы, Тверы ӕмӕ Тулайы областты.