Ирон хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты Европæйы фыццагады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цыппар ирон хъæбысæйхæцæджы хайад райсдзысты Европæйы фыццагады спортивон хъæбысхæстæй 18 азы онг кары спортсменты æхсæн Скопьейы (Цæгат Македони).
Францийы командæйы сконды Чертхъоты Леван тох кæндзæн 80 килограммы уæзы категорийы уæгъдибар хъæбысхæстæй. Греко-римаг стилы хъæбысæйхæцæг Габеты Артур та хъахъхъæндзæн Уæрæсейы спортивон кад 110 килограммы уæзы категорийы.
Афтæ ма уæрæсейаг командæйы сконды турниры архайдзысты Бæроты Алина æмæ Тотраты Зæлинæ.
Европæйы фыццагад спортивон хъæбысхæстæй 18 азы онг кары спортсменты æхсæн цæудзæн Скопьейы 9-æй 15-æм июньмæ.