ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik. Украинӕйы конфликт ӕрнывыл кӕныны фӕдыл уӕрӕсейаг меморандум конд у ӕртӕ хайӕ. Документ ныммыхуыр кодта РИА Новости.
Сӕйраг уагӕвӕрдтӕ:
Хъырым, ЛАР, ДАР, Запорожаг ӕмӕ Херсоны областты Уӕрӕсейы хайыл банымайын;
Украинӕйы нейтралитет, тобӕ фӕсарӕйнаг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ базӕты уӕвынадыл;
Украинӕйы ӕнӕядерон статус;
Украинӕйы Гарзджын тыхтӕн снысан кӕнын дырыс нымӕц;
Уӕрӕсейы ныхмӕ экономикон санкцитӕ сисын;
Ӕххӕст кӕнын уырыссаг ӕвзагыл дзурӕг цӕрджыты бартӕ;
Сног кӕнын дипломатон ӕмӕ экономикон ахастытӕ Украинӕимӕ;
Афтӕ ма Уӕрӕсе банхъардта хӕстон архӕйдтытӕ ӕруромыны дыууӕ варианты.
Фыццаг варинатмӕ гӕсгӕ УГТ хъуамӕ ракӕной сӕ тыхтӕ ДАР, ЛАР, Запорожаг ӕмӕ Херсоны областтӕй.
Дыккаг вариант:
УГТ дислокаци ивыныл тобӕ;
Ӕруромын мобилизаци;
Аиварс кӕнын ӕртыккаг бӕстӕты хайадист;
Ӕруромын фӕсарӕйнаг бӕстӕты ӕфсӕддон ӕххуыс Киевӕн;
Киев хъуамӕ мауал аразы диверситӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ;
Ӕфсӕддон уавӕр аиуварс кӕнын Украинӕйы