ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ӕмбӕстӕгтӕн Уырыссаг ӕвзаджы боны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президент бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны уырыссаг ӕвзагӕн кӕй ис сӕрмагонд бынат, уымӕн ӕмӕ у паддзахадон ӕвзаг ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ныхас, ахуырад, зонад ӕмӕ культурӕйы системӕйы бындур.
"Хуссар Ирыстон историон ӕгъдауӕй баст у уырыссаг адӕмимӕ, ӕмӕ уырыссаг ӕвзагӕн ис арф символикон нысаниуӕг. Ацы ӕвзаджы руаджы мах ӕрбаиу стӕм дунеон культурӕйы хъӕздыгдзинӕдтӕм ӕмӕ нын ис фидар бастдзинад Уӕрӕсеимӕ", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Гаглойты Алан бузныг загъта ӕппӕт адӕмӕн, чи ахъаз кӕны уырыссаг ӕвзаджы рӕзтӕн.