Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе уӕрӕх кӕнынц ӕмгуыстад сывӕллӕтты ахуырад ӕмӕ улӕфты къабазы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Лолаты Аслан ӕмӕ Ӕппӕтуӕрӕсеон сывӕллӕтты центр "Орленок"-ы директор Александр Джеус фембӕлдысты Казаны, цы ран бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, фехъусын кодтой республикӕйы ахуырады министрады пресс-службӕ.
Документмӕ гӕсгӕ организаци цӕудзысты иумӕйаг ахуырадон мадзӕлттӕ, практикӕтӕ, стажировкӕтӕ, конференцитӕ ӕмӕ равдысттӕ.
Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Лолаты Аслан ӕмӕ Ӕппӕтуӕрӕсеон сывӕллӕтты центр "Орленок"-ы директор Александр Джеус
Уый размӕ "Орленок"-ы специалисттӕ бабӕрӕг кодтой ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты центр "Мзиугом" Хуссар Ирыстоны, цы ран ауагътой консультацитӕ, хуссарирыстойнаг специалисттӕ та рацыдысты стажировкӕйы курс "Орленок"-ы.
Ӕввахс рӕстӕджы "Орленок" райсдзӕн хуссарирыстойнаг сывӕллӕтты ӕхсӕнадӕмон сменӕйы.