Мӕскуыйы бавдисдзысты документалон фильм Зары трагедийы тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Зары трагедийӕн нывонд режиссер Лазарова Викторияqs документалон фильм "Унесенные в Заре"-йы премьерӕ ацӕудзӕн кинотеатр "Октябрь" Мӕскуыйы.
Киноныв бавдисдзысты 17 июны ӕхгӕд форматы. Премьерӕмӕ бацӕудзысты Мӕскуыйы Хуссар Ирыстоны минӕварады кусджытӕ.
"Фильм арӕзт ӕрцыд ӕмӕ размӕ цӕуы хисӕрмагонд фӕрӕзтӕй. Киноныв акцент нӕ аразы уыцы дуджы политикон процесстыл, уый хъуамӕ ӕрбаздаха адӕмы хъусдард ӕфсӕддон конфликты трагедимӕ ӕмӕ адӕмы цардыл куыд бандавы, уымӕ", - загъта Лазарова Виктория.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фильм бавдисдзысты документалон кинойы ӕхсӕнадӕмон фестивальтӕм дӕр.