ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы ӕмӕ Мӕскуыйы геодези ӕмӕ картографийы паддзахадон университет бафыстой меморандум Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕзуатыл.
Меморандум бафыстой Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр ӕмӕ Мӕскуыйы геодези ӕмӕ картографийы паддзахадон университеты ректор Камынина Надежда, хъусын кӕны республикӕйы минӕварады пресс-службӕ.
Документмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстонӕн дарддӕр цӕттӕ кӕндзысты специалистты геодези, картографи ӕмӕ кадастры къабазы, афтӕ ма иумӕйаг куырдиӕттӕ бадӕтдзысты гранттӕ райсынӕн ахуырадон ӕмӕ зонадон проектты реализацийы фӕдыл.