ЦХИНВАЛ, 19 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕнд кӕнынц саразын сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центр, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан.
Администрацийы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, проект реализаци цӕудзӕн хисӕрмагонд инвесторы ӕххуысӕй. Ныртӕккӕ дзырд цӕуы объектӕн бынат равзарыныл.
"Инвестор цӕттӕ у бавналын арӕзтадмӕ куыддӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ документаци цӕттӕ уа, уӕд. Ныртӕккӕ дзырд цӕуы центры бынаты дыууӕ вариантыл: Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парчы территори ӕмӕ аварион бӕстыхай 8 Июны уынгыл", - фехъусын кодта мэр.
Гӕбӕраты Алан бахахх кодта, ацы хъӕппӕрис кӕй у коммерцион нӕ, фӕлӕ социалон: проект ӕххӕст кӕны Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ, уый фӕнды саразын лӕвар йӕ райгуырӕн республикӕйы сывӕллӕттӕн.