ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik. Санкт-Петербурджы ацыд Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константины фембæлд Уæрæсейы амалиуæггæнджыты Цæдисы президент Александр Шохинимæ.
Фарсытæ æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны экономикон потенциалы рæзтимæ баст актуалон фарстытыл.
Фембæлды рæстæджы дзырд цыд æндæр фарстытыл дæр, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Джуссойты Константин радзырдта Хуссар Ирыстоны экономикон æмæ туристон фадæтты тыххæй æмæ фæхуыдта Шохины республикæйы фыццаг æхсæнадæмон экономикон форуммæ сентябры.