ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг чызг фӕхъӕстӕ ис газӕй, хъусын кӕны майрӕмбоны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад.
Цау ӕрцыд хисӕрмагонд хӕдзары Хъуылаты уынгыл газы ифтонггарзы ӕнӕраст эксплуатацийы тыххӕй.
"2004 азы гуырд чызджы госпитализаци скодтой медицинон уагдонмӕ", - банысан кодтой министрады.
Чызджы цард ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн ницы тас ис, бафтыдтой уагдоны.