Æвзонг зарæггæнæг Дзуццаты Тимур ссис Аивæдты æхсæнадæмон фестиваль "Лазурная волна"-йы уæлахиздзау. Хуссарирыстойнаг лæппу акодта æртæ зарæджы, уыдонæй дыууæ – ирон æвзагыл.
"Амонд", зæгъгæ, ахæм зарæджы тыххæй йын саккаг кодтой фыццаг бынат æмæ майдан, иннæ дыууæ та йын бацахстой дыккаг бынæттæ. Тимур радзырдта, аивадон ерысмæ йæ куыд фæхуыдтой, цавæр зæрдæйы уагимæ ацыд æмæ йæ репертуары цы зарджытæ ис, уый тыххæй. Нæ басусæг кодта йæ дарддæры фæндтæ дæр.
Эфиры амонджытæ Дыгъуызты Уырызмæг æмæ Гасситы Аннæ ныхас кæнынц сæйраг политикон хабæрттыл.