Ирон спортсменкæтæ бацархайдзысты сылгоймæгты хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik. Ирон спортсменкæтæ бацархайдзысты сылгоймæгты хъæбæсхæстæй Уæрæсейы чемпионаты хорзæхтæ райсыныл. Ерыс цæудзæн Мæскуыйы 24-25 июны.
Ирыстоны номæй дзы архайдзысты 10 чызджы:
50 кг онг – Биазырты Валерия;
55 кг онг – Дудайты Аринæ;
57 кг онг – Дзоблаты Радæ;
59 кг онг – Цæболты Камиллæ;
62 кг онг – Кæсæбиты Алинæ, Чертхъоты Маринæ, Мæргъиты Илонæ æмæ Танделаты Аминæ;
72 кг онг – Бокоты Анитæ æмæ Быгъуылты Миленæ.
Æдæппæтæй Уæрæсейы чемпионаты хорзæхтыл стох кæндзысты 150 адæймаджы.