Æрæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы сæргъы слæууыд Хуриты Батрадз. Кæд телеуынынады бирæ фæкуыста æмæ дзы сусæг фæзилæнтæ нал баззад, уæд разамонæджы бынаты фыццаг хатт и.
Экранæй ахизынвæнд кæны æви нæ? Информацион рауагъдтæм цавæр ивддзинæдтæ хæссынц? Ног сезоны адæмы рæгъмæ цавæр проекттæ рахæсдзысты? Ацы æмæ æндæр фарстытæн дзуапп дæтты нæ эфиры.
Дыууæ къуырийы дæргъы æппæт дунейы æргом здæхт у Израиль æмæ Ираны конфликтмæ. Йæ иувæрсты нæ хизынц нæ эфиры амонджытæ дæр. Дыгъуызты Уырызмæг æмæ Гасситы Аннæ ныхас кæнынц дыууæ бæстæйы фидыдыл.