ЦХИНВАЛ, 3 июл – Sputnik. Абон у Фæндагон змæлды æдасдзинады паддзахадон инспекцийы кусджыты бон. Уый фæдыл сын раарфæ кодта президент Гаглойты Алан. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы службæ бахаста уæзгæ æвæрæн фæндæгтыл фæтк æвæрыны хъуыддагмæ æмæ æхсæнады сабырдзинад хъахъхъæнынмæ.
Гаглойты Алан уæлдай бузныг загъта паддзахадон автоинспекцийы ветерантæн, уагдоны рæзтæн фидар бындур кæй æрæвæрдтой æмæ сæ зонындзинæдтæ кæстæр фæлтæрæн кæй нæ бавгъау кодтой, уый тыххæй.