Хуссар Ирыстоны хицауад сразы ног закъоны проектыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 июль – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад сразы чысыл æмæ астæуккаг амалкæнынады тыххæй закъоны проектыл. Ацы фарстайыл раныхас кодта экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныры онг амалгæнджытæ кредиттæ истой сæрмагонд фондæй æмæ арæх уыцы фæрæзтæ нысанмæ гæсгæ хардз нæ цыдысты. Ныр та cубсидитæ исдзысты банктæй æмæ ног документы руаджы паддзахад йæ хъус хуыздæр дардзæн, æхца куыд хардз цæуы, уымæ