ЦХИНВАЛ, 11 июля – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд рауагъдон бал. Кадджын мадзал сарæзтой районы скъолаты 52 рауагъдонæн. Бацæттæ сын кодтой концерт æмæ дискотекæ. "Азы ахуырдзау", зæгъгæ, ахæм ном саккаг кодтой Дзауы æмæ Къуаисайы скъолаты дыууæ рауагъдонæн – Джиоты Даяна æмæ Джиоты Мæдинæйæн. Лæвæрд сын æрцыдысты æхцайы премитæ дæр.
Скъолайæн хæрзбон чи загъта æмæ йæ царды ног къæпхæнмæ чи хизы, уыдонæн се `ппæтæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты хицауады сæрдар Джуссойты Константин, ахуырады министрады, парламенты æмæ президенты администрацийы минæвæртттæ, афтæ ма районы разамынд.