ХИПУ-йы студентты схорзæхджын кодтой, бинонты кæй фервæзын кодтой, уый тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июль – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ Плиты Константин æмæ Касаты Георги хорзæхджын æрцыдысты "Адæймаджы цард фервæзын кæныны тыххæй" майдантæй. Уый тыххæй фехъусын кодта уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.
Лæппутæ горæты цады фервæзын кодтой дæлдонгæнæг бинонты – мад æмæ йæ дыууæ сывæллоны. Ныгъуылæг адæмы былмæ фæхæццæ кæныны хъуыддаджы сæм фæкаст уæлвæткон уавæрты министрады кусæг Хъæцмæзты Радион. Уымæн дæр саккаг кодтой майдан.