Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Новохатское ДАР-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Новохатское Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР)-ы, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.

"Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Новохатское Донецкы Адӕмон Республикӕйы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны ма банысан кодтой, Уӕрӕсейы уӕлдӕфон космикон тыхтӕ кӕй скуынӕг кодтой украинӕйаг хӕдтӕхӕг МиГ-29, уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ та ӕрыппӕрстой цыппар америкӕйаг авиабомбӕйы ӕмӕ 178 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты.