ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты плацыл майрӕмбоны ацыд ногӕрсидтонты ард бахӕрыны цытджын церемони.
Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау ард бахордтой 24 ногӕрсидтоны.
Ард бахӕрыны официалон церемонийы фӕстӕ раныхас кодта республикӕйы хъахъхъӕнынады министр Юрий Яровицкий.
"Ӕфсӕддон службӕйы рӕстӕджы сымах сахуыр кӕндзыстут алыгъуызон дӕсниӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ ӕфсады хъӕуы бӕрзонд квалификациимӕ хӕстонтӕ. Ӕмбал солдаттӕ, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, ӕнтыстытӕ службӕйы ӕмӕ сабырад", - бахахх кодта министр.
Яровицкий ма бузныг загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн солдаттӕн ӕппӕт уавӕртӕ саразыны тыххӕй.