ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсмен рабмылдта бронзӕйон майдан Ӕхсӕнадӕмон рейтингон турнир "Мемориал Имре Поляка и Яноша Варги"-йы Венгрийы.
Хуыбылты Ален бацахста ӕртыккаг бынат 125 килограммы уӕзы категорийы. Ирон богал фидарӕй цыд финалмӕ, фӕлӕ ӕрдӕгфиналы стадийы фембылд Шамиль Шариповӕн Бахрейнӕй.
Бронзӕйон майданыл тохы Ален фембӕлд йе ‘мзӕххон Байцаты Владиславимӕ ӕмӕ йӕ рамбылдта 3:0 хыгъдӕй.
Хуыбылты Аленыл цӕуы 24 азы. Спортсмен у Европӕйы чемпионаты бронзӕйон призер 2024 азы, афтӕ ма европейаг фыццагады уӕлахиздзау 24 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн. Ӕхсӕнадӕмон аренӕйы Хуыбылты Ален архайы Болгарийы командӕйы сконды.
Хуыбылты Ален ӕмӕ Байцаты Владислав
© Photo : Объединенный мир борьбы (United World Wrestling)