ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Мӕздӕджы ӕрцахстой дыууӕ ӕнахъомы, уыдон цӕттӕ кодтой теракт барадхъахъхъӕнджыты ныхмӕ, фехъусын кодтой майрӕмбоны Федералон ӕдасдзинады службӕйы (ФӔС) ӕхсӕнадон бастдзинӕдты Центры.
Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, дыууæ æнахъомы ссардтой сæрмагонд литературæ æмæ инструкцитæ мессенджеры æхгæд каналы æмæ рацыдысты ахуырад террористон архайд кæнынæн. Барадхъахъхъæнджыты ныхмæ теракт сæххæст кæныны тыххæй уыдон балхæдтой хиарæзт рæмудзæн æрмæджы хæйттæ 2025 азы майы горæт Мæздæджы.
Барадхъахъхъæнджытæ æнахъомты цæрыны бынæттæ басгарыны рæстæджы ссардтой компоненттæ рæмудзæн æрмæг саразынæн, сæ мобилон телефонты уыд фыстæджытæ æхсæнадæмон террористон организацийы хæстонтимæ.