Ирон музыкалон культурæмæ абоны фæсивæд здахы фылдæр æргом: архайынц фыдæлты уадынгæрзтæ сног кæныныл, ахуыр кæнынц рагон ирон цæгъдтытæ. Ацы хъуыддагыл хæст сты Къадзты Артур æмæ Босыкты Сергей дæр.
Сæ архайдыл аныхас кæнынмæ лæппутæ фæуазæг сты нæ студимæ. Æмæ афтидармæй нæ — семæ æрбахастой сæ музыкалон инструменттæ.