Хуссар Иры фӕсивӕд хайад райсдзысты егъау уӕрӕсейаг форумты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хайад райсдзысты дыууӕ егъау мадзалы Уӕрӕсейы, радзырдта республикӕйы президенты администрацийы разамонӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы.
Тыбылты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзырд цӕуы ног медаийы минӕвӕрттӕн ахуырадон программӕ "ШУМ"-ыл, кӕцы цӕудзӕн Калининграды 13-ӕй 18-ӕм августмӕ, афтӕ ма фӕсивӕды Ӕппӕтдунеон фестивалыл, кӕцы ацӕудзӕн 17-ӕй 21-ӕм сентябрмӕ ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн дыууӕ мин хайадисӕджы.

"Калининграды ахуырадон программӕмӕ фӕхуыдтой ӕвзонг журналистты Хуссар Ирыстонӕй, фӕсивӕды Ӕппӕтдунеон фестивальмӕ та ацӕудзысты нӕ ӕрыгон фӕлтӕры дӕсгай минӕвӕрттӕ. Фестивалы хайад райсыны фӕдыл куырдиӕттӕ бадӕттой 36 мин адӕймаджы, фӕлӕ дзы бынӕтттӕ ис ӕрмӕст дыууӕ мины. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Хуссар Ирыстонӕн рахицӕн кодтой фаг бынӕттӕ", - загъта Тыбылты Алан.

Сиукъаты Алымбег ӕмӕ Тыбылты Алан