Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 51 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 51 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 51 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй фӕйнӕ 16 – Брянскы ӕмӕ Ростовы областы, 12 – Хъырымы областы, цыппар дроны ӕрыппӕрстой Воронежы областы ӕмӕ ӕртӕ та – Орелы областы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 24 украинӕйаг дроны