Цхинвалы ссардтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы майрæмбоны ссардтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ, уыдон фæмард стыгуырдзиаг агрессийы рæстæджы 2008 азы августы.
Номарæн мадзалы хайад райста республикæйы къухдариуæгад Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты кусджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Церемонийы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинтæ æмæ веноктæ зынгхуыст хъайтарты монументмæ.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст Цхинвалмӕ 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.