Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй авд – Белгороды областы, фæйнæ фондз – Брянскы æмæ Калугайы областты, цыппар дроны ӕрыппӕрстой Хъырымы Республикæйы, фæйнæ дыууæ та – Орелы, Курскы, Воронежы, Рязаны æмæ Мæскуыйы областты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 82 украинӕйаг дроны