РХИ хъынцъым кæны Абхазимæ иумæ Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты номарæн Бон – Гаглойты Алан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан арвыста Абхазы президент Бадра Гунбамæ æнцойы ныхæстимæ тел Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты номарæн Боны фæдыл, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.
Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, 14 августы кæй райдыдта Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæст гуырдзиаг агрессорты ныхмæ, æмæ ацы бон Хуссар Ирыстон абахазаг æфсымæртимæ ссардта зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ.
"Мах хъуыды кæнæм хæцæнгарзимæ йæ райгуырæн зæхх чи хъахъхъæдта, æппæт уыцы хъайтарты. Хуссар Ирыстоны бархионтæ дæр æрбацыдысты æххуысмæ абхазаг адæммæ сæ зын рæстæджы", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент бафтыдта, зæгъгæ, 1992-1993 азты хæст уыд трагикон сыф Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны историйы.