Уӕрӕсейы УУМ ратдзӕн хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн сӕрмагонд техникӕйы 40 иуӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) ратдзӕн хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн сӕрмагонд техникӕйы 40 иуӕджы бӕрц, фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы УУМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, техникӕ ратдзысты дыууӕ уагдоны ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты.
"Арӕзт ӕрцыд иумӕйаг кусӕгон къорд, кӕцы басгӕрста Хуссар Ирыстоны УУМ зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайадтӕ, ӕппӕт техникӕ, уый фӕстӕ сарӕзтой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ сӕрмагонд техникӕйы номхыгъд. Уымӕй дарддӕр аскъуыддзаг кодтой сцалцӕг кӕнын Хуссар Ирыстоны УУМ сӕрмагонд техникӕйы 17 иуӕджы", - банысан кодта министры хӕдивӕг.
Бестауты Ацӕмӕз бафтыдта, зӕгъгӕ, сӕрмагонд техникӕ райдайдзысты ласын ацы аз ӕнӕмӕнгхъӕугӕ процедурӕты фӕстӕ.